Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Дзахоева Залина - Уды Куывд | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Сыгъдæг удæй дæумæ кувын, Хуыцау,
Дæуыл фæдзæхсын æз æдзух мæ цард.
Уæлæрвты арфæй мæм æркæс,
Уæларвон цинтæ мын æрхæсс.
Мæ уд æрмæст дæ къухы ис,
Мæ уды зын, мæ уды рис
Фæсур мæ рохст зæрдæйы тарфæй,
Дæ кувæгæн ды ракæн арфæ.

Мæ уд фæдис дзæнгæрджытæ цæгъды,
Сыгъдæгæй йæ дæумæ цæуын фæнды.
Тæххуды, чи цæры æргом,
Йæ куывды чи дзуры дæ ном,
Кæмæн у йе 'мбисонд дæ кой,
Кæмæн æрхæссыс ды æнцой,
Дæ цырагъ чи 'ссудзы йæ уды,
Тæххуды, о Хуыцау, тæххуды.

Дæумæ кувын, дæумæ цæуын, Хуыцау.
Мæнæн ды кæд нæ бавгъау кодтай цард,
Мæ куывдæн мын уæд бакæн ахъаз,
Дæ фæндæй раст фæдыл мæн ауадз,
Дæ фæндæй раст фæдыл мæн ауадз.
Мæ риуы 'ссудз дæ цины арт,
Цæмæй дæу аккаг уа мæ цард,
Цæмæй фæстаджы бонмæ уарст
Æрмæстдæр уа дæ хорзыл баст.
Дæ фæндæй мын рæствæндаг бауарз.
Хцыцау, мæ куывдæн бакæн ахъаз.

Мæ риуы 'ссудз дæ цины арт,
Цæмæй дæу аккаг уа мæ цард,
Цæмæй фæстаджы бонмæ уарст
Æрмæстдæр уа дæ хорзыл баст.
Дæ фæндæй мын рæствæндаг бауарз,
Хцыцау, мæ куывдæн бакæн ахъаз.

Текст по-ходу песни записал ---> https://vk.com/tajmuraz
Могут быть ошибки ))

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-