Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Заур Багиев - Сау Нымает | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Сау нымæтæй ‘мбæрст кæрты раз бæх лæууы,
Балцæй сидзæрæй рцыд, халон дардæй кæуы
Саргъай барæг – лымæн, мардай зæхмæ æрхауд,
Фидар къухæй фæцух, тугæйдзаг æхсаргард

Уый йæ фыдæлты зæхх, знагæй фыртау хызта,
Хъайтар лæджы мæлæт,Стыр Хуыцауæй куырдта.
Дзаг æрдхордæй йæ кæрт, сæртæ хъыгæй гуыбыр.
Мады зæрдæ ныдур, фыды нывс фацыбыр.

Хаста барæджы бæх, ’хсарæн нал уыд кæрон…
Нарты кад уæлæфтау, уыд йæ тугæй – Ирон
Сау нымæтæй ‘мбæрст кæрты раз бæх лæууы,
Балцæй сидзæрæй рцыд, халон дардæй кæуы..


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
    Нет видео
    -