Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Хор госфилармонии РСО-А - Аларды | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Бæрзондыл бадæг рухс Аларды!
Табу, табу рухс Аларды!
Уæ ракæс ма нæм, рухс Аларды!
Табу, табу рухс Аларды!
Табу дын цæуы нывонды бæсты!
Табу, табу рухс Аларды!
Нывонд дын цæуы уды бæсты!
Табу, табу рухс Аларды!
Нæ нæл фыстæн се'ынгурстытæ!
Табу, табу рухс Аларды!
Нæ уæнгуытæн се'хсыррæхтæ
Табу, табу рухс Аларды!
Нæ нæл сæгътæн се 'схъæлзæнгтæ!
Табу, табу рухс Аларды!
Уыдон куы сты дæ нывæндтæ!
Табу, табу рухс Аларды!
Усгур лæппутæ кусартгæнджытæ!
Табу, табу рухс Аларды!
Дæ чиригæнæг-чынддзон чызджытæ!
Табу, табу рухс Аларды!
Арвæй зæхмæ куы æрцæувй!
Табу, табу рухс Аларды!
Нæ сабитæ уæд де уазæг!
Табу, табу рухс Аларды!
Рын сонæй сæ ды бахизай!
Табу, табу рухс Аларды!
Уыды хæрамы маку бацу!
Табу, табу рухс Аларды!
Уæ, табу дæхицæн сырх Аларды!
Табу, табу рухс Аларды!


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-