Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Kim Suanti - Madi Zaræg | Текст песни

Куы араст вæййæм дард бæлцы нæ кæртæй,
Куы 'скъуырæм искуы фæндагыл нæ къах,
Дæ сау дзыкку 'ссурс вæййы нæ мæтæй,
Æмæ вæййæм дæ иунæг катай мах.

Ныййарæг мад, ныййарæг мад,
Дæ номыл мæ цинтæ æмæ мæ сагъæстæ бæттын...
Æз федтон хур дæ къухтæй хуыд хæдоны,
Дæ хуыд дзабырты базыдтон цæуын.

Дæ рухс фæндты дын рæстæджы уынармæ
Цъæх арвы тынæй къабатæ хуыйæм.
Нæхи сæртæ 'ссурс вæййынц
Уæддæр-мæ нæ мадæлтæн сыввæллæттæ вæййæм.

Ныййарæг мад, ныййарæг мад,
Дæ номыл мæ цинтæ æмæ мæ сагъæстæ бæттын..
Æз федтон хур дæ къухтæй хуыд хæдоны.
Дæ хуыд дзабырты базыдтон цæуын.

Тæхудиаг, йæ цин æмæ рæвдыдæй
Кæмæн бантыст дæу самондджын кæнын.
Фæлæ нын хай куы нал вæййы дæ уындæй,
Уæд ехх мæ бон, куыд тынг зын у цæрын.

Ныййарæг мад, ныййарæг мад,
Дæ номыл мæ цинтæ æмæ мæ сагъæстæ бæттын..
Æз федтон хур дæ къухтæй хуыд хæдоны.
Дæ хуыд дзабырты базыдтон цæуын.
Ныййарæг мад, мæ цард уалдзæджы зарæг!..

Другие названия этого текста
  • Kim Suanti - Madi Zaræg (0)
  • Ким Суанов - Мады Зарæг (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-