Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Алла Хадикова - Фыййауы зараг | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Цъæх нæу хохыл стыр фосы дзуг
Цæгат фарсыл сабыр хизынц,
Фыййау зары йæ ног дзугыл,
Фæндыр та йын мæргътæ цæгъдынц.

Фосы сæрмæ цæргæс зилы,
Хæлæггæнгæ йæм фыййау дзуры:
«Эхх, тæхуды, дæуæй куы фестин,
Уарзон чызджы ардæм æрхæссин.

Барвитин æм минæвæрттæ,
Адджын ныхæстæ уымæн кæнин,
Чындзхæсджыты кафтæй, зардæй,
Ризиккой нæ Иры хæхтæ.

Батухин æй хъарм нымæты,
Бамбахсин æй урссæр хæхты,
Хъæлдзæг зарæг уымæн кæнин,
Булæмæргъ та ногæй фестин.

Рог сычъиты дугъы уадзин,
Бур æрсыты кафын кæнин,
Стыр Хъæриуæй Джимарамæ,
Гæпп кæниккой дзабидыртæ.

Ехх, куы уаид уыцы рæстæг,
Амондджындæр мæнæй нæ уаид,
Цин кæниккой мемæ иумæ,
Иры адæм, Иры бæстæ»


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
    Нет видео
    -