Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Ахсар Джигкаев - Дзурут Иронау | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Мæ зæрдæ къултыл бахойы йæхи –
Ирон лæг нал дзуры иронау.
Æндæр æвзæгтæй буц кæнæм нæхи,
Ирон та абухгæ у донау.

Ирон æвзаг нæ лирæ æмæ кард,
Нæ хох, быдыр æмæ нæ уæзæг,
Ирон адæмæн се стыр фарн, сæ арт,
Нæ къонайæн йæ зынг, йæ фæздæг.

Ирон фæндырæн куы амæла кæсæг,
Нæ хæхты зæла нæ Иры зарæг,
Кæмæй дæ, чи дæ – нал уыдзæн фæрсæг,
Уæд уый уыдзæн анусон хъарæг.

Уæд баззайдзысты уæлмæрдтæ дзæгъæл,
Нæ уасинтыл нæ уыдзæн кафæг.
Ирон уалдзæг – нæ фарнхæссæг, цæхæр,
Уæд нал хæсдзæни махæн арфæ.

Мæ зæрдæ къултыл бахойы йæхи –
Ирон лæг нал зары иронау.
Æндæр зæрджытæй буц кæнæм нæхи,
Ирон та абухгæ æрсдонау.

Ирон ныхас нæ зæрдæйæн йæ таг,
Арвнæрæгау кæнынц йæ зæлтæ.
Ирон адæмæн се стыр фарн, сæ арт,
Нæ къонайæн йæ зынг, йæ фæздæг.

Мæ зæрдæ къултыл бахойы йæхи…

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
  • Ахсар Джигкаев. Из Мехико в Цхинвал Ахсар Джигкаев. Из Мехико в Цхинвал
    музыка Ахсара Джигкаева гитара - Ахсар Джигкаев.