Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Валерий Сокуров - Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ | Текст песни

Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ,
Æмæ мын разынд æлвисæн.
{Ма мын кæс, чызгай, мæ сæрмæ,
Мæ карæн нæу уый, æвдисæн.} x2

Сыхаг ус йæхи фæмары,
Зыгуымы фесæфт йæ судзин.
{Чи загъта æмæ мæ кары
Зæрдæйы цырагъ нæ судзы.} x2

Æхсæвæй, бонæй мæ зæрдæ
Дæумæ бæлгæйæ куы риссы.
{Тæхуды æмæ ды кæй дæ,
Уымæн йæ амонд йæ диссаг.} x2

Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн,
Донæн йæ рæсугъд не ссардтон.
{Усгур дæр бирæ фæцыдтæн,
Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон.} x2

Сæрдыгон кæрдæг фасæг у,
Æрыгон зæрдæ уарзæг у.
{Уарзын дæ æмæ уарздзынæн,
Æмæ дын алкæд зæгъдзынæн.} x2

Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ,
Æмæ мын разынд æлвисæн.
{Ма мын кæс, чызгай, мæ сæрмæ,
Мæ карæн нæу уый, æвдисæн.} x2

Слова народные, музыка Булата Газданова

«Музыкальная культура осетин» © 2012
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-