Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Диана Бестаева и Вано Бекоев - Мах дыууæ стæм | Текст песни

Стъалыты зæхх судзгæ уары,
Зæрдæ сусæг зарæг зары,
Арвæй рахызт цины барæг,
Уарзт мæ риумæ хизы цадæг.
Донбырыны худын хъуысы,
Урс æртæх ма уæд цы тыхсы?

Сусæг фæндаг комы таджы
Махæн рагæй фæци адджын.
М' амонд рагæй йе 'нгуырд ары,
Зæрдæ уарзты цинæй зары,
Мах дыууæ стæм комы аизæр
Зонын цинтæ, зонын уарзын.

Ды мæнæн дæ, æз дæуæн дæн,
Уарзты циныл мах æууæндæм.
Донхауæн нын буцæн зары,
Стъалыты зæхх судзгæ уары.

Æрцу, æрцу, дæ цин мын дзур,
Дæ цин мын дзур, мæ хурты хур,
Ды дæ мæнæн мæ удлæууæн.
Рахæсс арфæ арвæй зæххмæ — зæххæй арвмæ.

Стъалытæ ныл уары, уары,
Зæрдæ зæрдæмæ ныззары.
Цины зарæг, уарзты зарæг,
Атад зæрдæты 'хсæн арæн.

Мæй нæ буц уарзты æвдисæн —
Зæххмæ рухсы тын æлвисы,
Уарзты фæндæй фæны фæдыл
Демæ кафын мæн æрфæндыд.

Мæ сусæг фын, дæумæ цæуын, дæумæ бæллын.
Дæумæ кæсын: кæм дæ? Фæзын, фæсур мæ зын.
Æрцу, æрцу: дæ цин мын дзур, дæ рыст мын дзур.
Хъуысы арфæ арвæй зæххмæ — зæххæй арвмæ.
Ды дæ мæ цин, ды дæ мæ уарзт, мæ хурыскаст,
Æз дæн дæ цин, æз дæн дæ уарзт, дæ хурыскаст.

Мах дыууæ стæм комы азынг.
Мах дыууæ стæм комы аизæр.
Зонæм цинтæ, зонæм уарзын,
Зонæм уарзын...

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-