Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Диана Бестаева и Вано Бекоев - Мах дыууæ стæм | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Мах дыууæ стæм

Стъалыты зæхх судзгæ уары,
Зæрдæ сусæг зарæг зары,
Арвæй рахызт цины барæг,
Уарзт мæ риумæ хизы цадæг.
Донгуырыны худын хъуысы,
Урс æртæх ма уæд цы тыхсы?
Сусæг фæндаг комы таджы
Махæн рагæй фæци адджын,
Махæн рагæй фæци адджын

Мæ амонд рагæй йе `нгуырд ары,
Зæрдæ уарзты цинæй зары,
Мах дыууæ стæм комы айзæлд
Зонын цинтæ, зонын уарзын.
Ды мæнæн дæ, æз дæуæн дæн,
Уарзты циныл мах æууæндæм.
Донхауæн нын буцæн зары
Стъалыты зæхх судзгæ уары.

Æрцу, æрцу, дæ цин мын дзур
(Æрцу, æрцу, дæ цин мын дзур),
Дæ цин дзур, мæ хурты хур
(Дæ цин дзур, мæ хурты хур),
Ды дæ мæнæн мæ удлæууæн
(Мæнæн ды дæ мæ удлæууæн).
Рахæсс арфæ арвæй зæххмæ- зæххæй арвмæ.

Стъалытæ ныл уары, уары,
Зæрдæ зæрдæмæ ныззары.
Цины зарæг, уарзты зарæг,
Атад зæрдæты хсæнæ арæн.
Мæй нæ буц уарзты æвдисæн
Зæххмæ рухсы тын æлвисы,
Уарзты хъæндæй фæны фæдыл
Демæ кафын мæ æрфæндыд.
Мæ сусæг фын, дæумæ цæуын, дæумæ бæллын
Дæумæ кæсын, кæм дæ, фæзын, фæсур мæ зынг.
Æрцу, æрцу, дæ цин мын дзур, дæ рыст мын дзур.
Хъуысы арфæ арвæй зæххмæ – зæххæй арвмæ.
Ды дæ мæ цин, ды дæ мæ уарзт, мæ хурыскаст,
Æз дæн дæ цин, æз дæн дæ уарзт, дæ хурыскаст.
Мах дыууæ стæм комы азынг
Мах дыууæ стæм комы айзалд.
Зонæм цинтæ, зонæм уарзын,
Зонæм уарзын.

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2
Видео
Нет видео
-