Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Застольная - Сой цæуы, сой. | Текст песни

Мæнæ фæсивæд дæумæ кæсынц
Хорз минастæ дæуæй домынц
Рахæсс-ма нын сой, Сатана, сой
Сау бæгæны сыр-сыргæнгæ
Бур физонæг цъыс-цъысгæнгæ

Сойгæгджытæ фæцæуынц, сой цæуы, сой
Ног амонд уын фæхæссынц, сой цæуы, сой
Алы аз дæр ардæм, сой цæуы, сой
Фидæнмæ дæр ардæм, сой цæуы, сой
Уæлæ цары тæбинаг, сой цæуы, сой
Уæ ноггуырд уæд цæринаг, сой цæуы, сой
Йæ фыды мад Къуындыхон, сой цæуы, сой
Уæ ноггуырд уæд куырыхон, сой цæуы, сой
Галы сыкъа зæбул уа, сой цæуы, сой
Инназ дæр та лæппу уа, сой цæуы, сой
Уæлæ къуыппыл дидитæ, сой цæуы, сой
Рахæссут нын чъиритæ, сой цæуы, сой
Уæлæ комы гæнгæлы, сой цæуы, сой
Сойгæнджытæн бæгæны, сой цæуы, сой
Уæлæ цары тæбинаг, сой цæуы, сой
Цыхтытæн нын сæ бинаг, сой цæуы, сой
Сой, нæ лæппу, сой, сой, сой цæуы, сой
Алы аз дæр ардæм, сой цæуы, сой
Фидæнмæ дæр ардæм, сой цæуы, сой

Другие названия этого текста
  • Застольная - Сой цæуы, сой. (0)
  • Застольная - Сой цæуы, сой. (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-