Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Инна Гучмазова K2 - «Кæд зарон…» | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Кæд зарон ирон къæсы авдæны зарæг,
Цæгъдон кæд мæ Иры фæндырыл æрмæст.
Кæд худон мæ Ирæн йæ зæрдæйы цинæй,
Кæд уарзон, уæд Иры цæхæрцæст мæ мæт.

Кæуон кæд мæ Ирæн йæ зынгхуыст
хъæбултыл ,
Кæд нуазон, уæд Ирæн йæ кæхцæй æрмæст.
Кæд рафтауа дидинæг Иры къæдзæхтыл,
Фæнды мæ уон адæмы хурæй æфсæст.

Сæлон кæд нæ Иры бæрзонддæр цъитийыл,
Кæд судзон, уæд Иры цырæгътыл æрмæст.
Тæхон кæд, Ирыстон, дæ цъæх арв мæ
денджыз,
Кæд риссон иронау мæ хъарæг ’мæ мæт.

Мæлон кæд Ирыстоны сыджыт мæ ингæн,
Цæрон кæд Ирыстон мæ Хуыцау мæ уарзт.
Цы кæнон о афта у ме сконд мæ зæрдæ,
Цы кæнон нывонд у мæ Ирæн мæ цард.

Другие названия этого текста
  • Юра Качмазов - «Кæд зарон…» (0)
  • Инна Гучмазова K2 - «Кæд зарон…» (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-