Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Камерный хор «Арион» (сол. Алёна Гуссоева) - Цыкурайы фæрдыг | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

ЦЫКУРАЙЫ ФÆРДЫГ
Слова и музыка народные

Ахæм мой ма скæнин æз…
Уæртæ мын авд хохы фале
Залиаг калм цыкурайы фæрдыгæй хъазы,
Уый арвайдæн у, арвайдæн!
Уый мæнæн чи ’рбахæссид,
Уый уаид мæнæн мæ цардæмбал…
Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо,
Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны.

Ахæм мой ма скæнин æз…
Уæртæ мын Хъæриу-хохы сæрæй
Авд суадоны цы фурдмæ хауынц,
Уым садтан бабызтæ сæхи найынц!
Уыдонæй мын чи ’рбахæссид,
Уый уаид мæнæн мæ цардæмбал…
Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо,
Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны.

Ахæм мой ма скæнин æз…
Уæртæ мын сау денджызы астæу
Сакъадахæй сау рувас цæуы,
Уый царм мæнæн æвцæгкотæн чи ’рбахæссид,
Æз уымæн раттин разыйы дзуар,
Уый уаид мæнæн мæ цардæмбал…
Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо,
Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны.

Рараст хæххон цуанон, рараст.
Сынты базыры хуызæн æфсургъыл
Баппæрста йæ саргъ, йæ нымæт, лæппутæ!

Гъеныр дунейы рæсугъд мæнæн разыйы дзуапп куы раттин,
Æз уымæн уæларвæй стъалы раскъæфин.
Уæй, дæлдзæхæй йын æнусон цард ракурин.

Гъе ныр фарн хъусджытæн
Æмæ гъе уыдоны ’рцыдмæ дзæбæхæй фæцæрат!

МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-