Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Римма Илурова - Æз мысын æндæры | Текст песни

Хæрзконд лæппу, дæумæ фæкæсын арæх
æмæ æнхъæлыс уарзгæ дæ кæнын...
Дæумæ кæсгæйæ, мысын æз æндæры
Йæ уарз æнхъæл æз абон дæр цæрын...

Æнкъардæй дæм æз уымæн кæсын арæх.
Æнкъард вæййынц мæ ныхæстæ, мæ худт...
Цæмæй зоныс, куыд басыгъди мæ зæрдæ?
Цæмæй зоныс, куыд батади мæ уд?!

Куы фенын дæу - цыма фæзынд мæ уарзон.
Дæ фезмæлдытæ уый хуызæн сты...
Мæн бафæнды, куы атыхсин дæ хъуырыл,
Фæлæ, фæлæ ахизын та фæрсты...

Æз мысын уый, дæумæ кæсгæйæ мысын
Дæ уарзонæн мæнæй уарзондæр у
Ныххатыр кæн мæ цæстытæн ныххатыр
Чысыл дæ фендæй æрынцайы мæ уд...

Цæмæй зоныс, куыд басыгъди мæ зæрдæ?
Цæмæй зоныс, куыд батади мæ уд?!

Дæумæ кæсгæйæ, мысын æз æндæры
Йæ уарз æнхъæл æз абон дæр цæрын...
Йæ уарз æнхъæл æз абон дæр цæрын...

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-