Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сауасса - Зин æхсæв мæ дуар хоста | Текст песни

Зин ӕхсӕв мæ дуар хоста (Призрак ночью в дверь стучался)

Стихи Азау, музыка Сауассы.

Зин ӕхсӕв мӕ дуар хоста,
Бацагайдта рагон ностӕ:
’Рцыд мӕ нӕхуынд зарджыты кӕлӕн дӕр…
― Чи дӕ? ― бафарстон, ― кӕцон дӕ?
Загъта:
— Рохуатӕй, фӕсмонтӕй,
Ивгъуыд уарзты дунейӕ ӕрхӕндӕг…

― Мидӕмӕ, Хуыцауы уазӕг,
Иу ӕхсӕв дӕуӕй дӕн разы,
Фӕлӕ сом фӕцӕудзыстӕм фӕйнӕрдӕм...
Не сразы мӕ фӕндыл, загъта:
— Мӕн дӕумӕ хъысмӕт ысхаста, ―
Демӕ цӕрдз[ын]ӕн йе мӕлдз[ын]ӕн кӕм фӕнды.

― Æз хъысмӕтӕн та кӕд састӕн? ―
Æз ӕрхӕндӕгмӕ нӕ кастӕн:
Мӕн, Хуыцауыстӕн, ивгъуыдмӕ не ’вдӕлы.
Загъта:
— Ивгъуыды ӕвзӕрст дӕн,
Æз дӕ фӕндырыл нывӕзт дӕн;
Сфӕраз мӕ, ӕнцондӕр хай дӕм не ’мбӕлы.

Æз дӕ уарзт хӕссинаг дарддӕр,
Уымӕй нӕу дӕ фӕндаг къаддӕр, ―
Цард-мӕлӕты арӕнтӕ ― дӕ разы...
Æз дӕ цӕстыты цӕрдзынӕн,
Æз дӕ зарӕджы мӕлдзынӕн,
Æмӕ сфӕлвар мемӕ цард фӕразын!

Æз хъысмӕтӕн дӕр нӕ састӕн,
Æз дӕ фӕзындмӕ нӕ кастӕн,
Мӕн, Хуыцауыстӕн, ивгъуыдмӕ не ’вдӕлы.
Зарӕгӕн нывонд ӕвзӕрст дӕ,
Ды мӕ фӕндырыл нывӕст дӕ,
Зарӕг дӕр ӕнӕ ӕрхӕндӕг не ’взӕры.»


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-