Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Спартак Лагкуев - Бæлццоны зарæг | Текст песни

«Бæлццоны зарæг»
Слова Я. Козаева, музыка В. Туаева
(Слова Камала Ходова, музыка Владимира Цоппоева)

Бæлццонæн «фæндараст» зæгъын æмбæлы,
Фæлæ ныййарæгæн æнцон нæ вæййы,
{Фæндараст мæ хъæбул, фатау дæ фæндаг,
Фатау дæ фæндаг, бинонты фæндиаг.} x2

Макуы мын фæцуд, фæраз фæндагæй,
Макуы мын æрхæсс дæ сæр æгадæй,
{Дæ чысыл хуртæ дæумæ куы кæсынц,
Сæ рæзгæ удтæ дæуыл фæдзæхсынц.} x2

Мигъ бон куы цæуай айнæг фæндагыл,
Дæхи-иу бафæдзæхс адæмы фарныл,
{Хистæрты ныхас дæ зæрдыл бадар,
Æмæ дын фæндагыл уыдзæн цырагъдар.} x2

Мадæн фæзæгъы йæ буц хъæбул дæр,
Ма мæм æхсайæд дæ зæрдæ мур дæр,
{Мæ сæр мæ куысты бæрзæндты хæссын,
Мæ развæндагмæ уариау кæсын.} x2

Мæ æнцон бæхыл мæ зæрдæ дарын,
Кады бæрзæндтæм уыимæ скъæрын,
{Йæ цæхæр зæрдæ мæ къухты бар у,
Йæ тилгæ къахтæ дымгæйæн ’мбар у.} x2

Бæлццонæн фæндараст зæгъын æмбæлы,
Фæлæ ныййарæгæн æнцон нæ вæййы,
{Фæндараст мæ хъæбул, фатау дæ фæндаг,
Фатау дæ фæндаг, де ’мбæлтты фæндиаг.} x2

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-