Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Ходы Камал - Сæумæрайсомы арфæ | Текст песни

Табу дæхицæн, Стыр Хуыцау,
Дæ фæрцы та ныл сбон и.
Дæ уаз номы æмсæр ныхас
Тæхуды, ’мæ куы зонин.

Ныххатин дæм мæ зоныгыл,
Ирон дзыллæ — дæ уазæг.
Æрвыл райсом нæ хох-рындзтыл
Зæлдаг сæуæхсид хъазæд!

Тыхджын дæ æмæ бараг дæ! —
Цæстуарзонæй нæм ракæс.
Рæстудæн дæр, мæнгудæн дæр
Дæ бæрзонд тæрхон рахæсс.

Дæ рард дзиглотæн, о Хуыцау,
Сызгъæрин арфæ рауадз.
О адæмыл сæ зины хай
Уæлахиз кæнын ма уадз.

Ысфыдæх и, ысфыддзаст и
Дæ буц байзæддаг абон.
О Стыр Хуыцау, ныххатыр кæн,
Йæ низыхатт йын базон.

Йæ низыхатт йæ зæрдæйы
Ныррухс æй кæн дæ фарнæй.
Куыд не ’взида йæхионмæ
Хæцæнгарз æмæ армæй.

Табу дæхицæн, Стыр Хуыцау,
Дæ фæрцы та ныл сбон и.
Дæ уаз номы æмсæр ныхас
Тæхуды, ’мæ куы зонин.

Ныххатин дæм мæ зоныгыл,
Ирон дзыллæ — дæ уазæг.
Æрвыл райсом нæ хох-рындзтыл
Зæлдаг сæуæхсид хъазæд!

Йæ нæртон фидыц райгас кæн
Фыдæлтыккон фæндырæн,
Къобор лæппутæ — сагсуртæ
Ирон чындзытæн гуырæд!

Кæстæры куывдæн чъириаг
Ирон куырой æрыссæд.
Ирон кæртæй ирон ныхас
Æхсæры къæрццау хъуысæд!

Бæрц æмæ фидыц саккаг кæн
Нæ цин æмæ нæ риссæн.
Кæрæф æмæ æдзæстуарзон
Нæ зæрдæты ныцъцъист кæн.

Дæ уæздан арфæ саккаг кæ,
О Стыр Хуыцау, бæрзондæй.
Ирон лæгæн йæ цонджы тых
Уæд коммæгæс йæ зондæн.

Уынаг мондаг сæлхæртæй нын
Нæ рагон уæзæг бахиз.
Нæ дзырд æмæ нæ хъуыддаджы
Кæнæд дæ ном уæлахиз.

О ма скæнæд ирон лæгыл
Фыдбон æмæ фыдæхсæв.
Хæрамы бæсты де стыр ном
Нæ зæрдæты куыд хæссæм.

http://allingvo.ru/POETRY/Hody_Kamal_Saumarajsomy_arfa.htm

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 8
Видео
Нет видео
-